Воспитателям МБДОУ «Детский сад №8 с.Гизель» посвящается
О,хъомылгæнæг цал гыццыл зæрдæйы,
Ды барæвдыдтай царды мидæг цал!
О,хъомылгæнæг цал гыццыл къахдзæфы,
Ды арвыстай æстыр фæндагмæ цал!
Сывæллонæн дыггаг мад дæ, уый зонæм.
Ды радтай уымæн мады рæвдыд ды,
О,цас ис хорз ныхæстæ ссарæн,
Дæ кадджын номыл хъомылгæнæг, цас!
Ды фидæнмæ бындурдæттæг дæ царды,
Ды сабийæн уæрæх фæндаг дæттæг.
Равдауæндоны ,иумæйаг хæдзары
Ды сабитæн, сæ царды рухс кæнæг!
Ф.Коцоева